/ Регистрация
Автор:
26.06.2022
Гæлæбуйы Базыртӕ

Иу хæххон хъæуы, иу розæхуыз къудзийы бын, фæзындис хæрзаив Гæлæбу. Цыдæр æнахуыр Гæлæбу уыдис, æнæ базыртæй. Тæхын æппындæр нæ зыдта, æмæ йæ чи уыдта, уыдон-ыл иу худын райдыдтой. Уанцон нæ уыдис Гæлæбуйы цард, æви фиалкæхуыз мæлдзыг, æви цыдæр лыстæг сæк йæ фæдыл-иу худтысты. Куыд тынг-æй фæндыдис стæхын æмæ тæхын рæсугъд дидинджыты æхсæн  иуæй-иннæмæ. Уæд дын, иу ахæм, Гæлæбу ацыдис хъæдмæ æмæ фæдзæгъæл ис. Бирæ агуырдта фæндаг йæ розæхуыз къудзимæ, фæлæ йын нæ рауад. Æрбадтис кæрдæгыл æмæ хъæрæй скуыдта. Кæуын фехъуыста мыдыбындз Фая æмæ йæм йæхи хæстæг æрбайста.- Ма ку , фиалкæхуыз мæлдзыг, цы дыл æрцыдис?- Æз фæдзæгъæл дæн æмæ æз Гæлæбу дæн æнæ базыртæй, мæлдзыг нæ, фæлæ. Æмæ æртæккæ ды фæтæрсдзынæ, кæнæ иннæтау худыныл схæтдзынæ.- Нæа, цæмæй тæрсон, иууылдæр алыхуызæн стæм. Ницы кæны, базыртыл ис бакусын æмæ сæ аккаг суын. Цом сызгъæрин Хæлуарæгмæ, æз уæ базонгæ кæндзынæн æмæ дын кæд базыртæ бабыид…- Сызгъæрин Хæлуарæг, æххуыс нæ хъæуы. Мæнæ æнæ базыртæй Гæлæбу. Фæзæгъынц, ды диссæгтæ фæкæныс, дæ хæлуарæджы тынтæй алцыдæр сбийыс. Баххуы кæндзынæ Гæлæбуйæн?- Лæууæд уал, фæстæдæр фендзыстæм цы мæ бон у скæнын. Æмбарыс, Гæлæбу, хуымæтæджы дын мæ бон нæу баххуыс кæнын. Нырма уал хъæуы æрбахæссын алкæмæй рæсугъддæр дидинæджы æртæх, кæцы зайы Хъазыбег къæдзæхы цъуппыл. Дæу хъæуы уырдæм бахæццæ кæнын æмæ æртæх рахæссын, уæд дын бабийдзынæн сызгъæрин базыртæ.Гæлæбу уайтагъд фенкъард ис.- Куыд бахæццæ уыдзынæн уырдæм, кæд æмæ мыл базыртæ нæй.Мыдыбындз Фая йæ сабыр кæнынмæ фæцис.- Хатгай, цæмæй дæ цы фæнды уый сæххæст кæнай, уый тыххæй бацархайын фæхъæуы. Дæ бæллиц дын тыхтæ ратдзæн, йæ фæдыл цу. Мах-та дæм ам лæудзыстæм.Гæлæбу йемæ пыльца райста, цæмæй цы хæра, уый йын уа æмæ хурыскастимæ араст балцы. Бирæ фæцыдис Гæлæбу æхсæрдзæнты комы, алкæмæй дынджырдæр къæдзæхмæ. Тынг зын фæндаг уыди æмæ хурныгуылд рухс асырдта. Фæндагыл Гæлæбуйыл амбæлди Тур. Хъæрмæдоны уыдысты йæ хизæнуаттæ, боныгон та фембæхсы къæдзæхты, изæрæй та хизæнтæм æрцæуы. Бонæй-та ногæй къæдзæхты йæ лæгæтты бамбæхсы.- Хъæбатыр Тур баххуыс ма мын кæн къæдзæхы цъупмæ схизын. Дæ хорззæхæй ма мæм фæкæс, æнæ дæуæй мын нæй гæнæн!Тур бирæ фæхъуыды кодта, фæлæ фæтæригъæд кодта Гæлæбуйæн æмæ сразы ис. Туры сæрмæ сбырыд Гæлæбу æмæ араст сты. Бирæ фæтахти Тур къæдзæхты, Геналдон доны фæрсты. Авд боны æмæ авд æхсæвы хæццæ кодтой.Бафæлладис Тур, йæ  хъуынтæй стыдта, батыхта дзы Гæлæбуйы æмæ загъта:- Дарддæр дæхæдæг цæугæ, мæнæн уырдæм нæй, нырид мæм хæдзары æнхъæлмæ кæсынц. Фæстæмæ цæугæйæ Цъиусуры æссар æмæ дæ быдырмæ æрхæццæ кæндзæн. Зæгъ-ын иу, Ирон Туры номæй дæ хъæуы æххуыс æмæ дæм фæкæсдзæн. Хæрзвæндаг, æнæбазырджын!Куы рабон. Уæд Гæлæбу бахæццæ уырдæм, алкæмæй рæсугъддæр дидинджытæ кæм задис, æртæх æрымбырд кодта æмæ араст хæдзармæ, хъæдмæ. Фæндагыл фембæлд æххормаг цъиутыл. Фыццаг æй бахæрынмæ хъавыдысты, уый фæстæ йæ ныхъхъуыдты уагътой.
— Мах бирæ цыдæртæ фæхæрæм, фæлæ бынтон æххормаг не стæм, цæмæй ахæм ницæййагæй бафсадæм нæхи! – фæхъæр ма кодта цъиутæй иу.Уыцы рæстæг  сæрыстыр Цъиусур фæцæйтахт Хъазыбеджы сæрмæ.Гæлæбу фæхъæр кодта:- Сæрыстыр Цъиусур, тыхджын! Алкæмæй цыртдæр Ирон Тур дын салæмттæ рвиты æмæ дæ куырдта, цæмæй мæнæн баххуыс кæнай хъæдмæ бахауын.Дзуапп ын радта Цъиусур:-Цæй уæдæ, хæц хъæбæр, дымгæйæ тагъддæр тæхдзынæн. Афтæ баххуыс кодта Гæлæбуйæн йæ хæдзармæ бахауын.- Бузныг.Цъиусур. Нырма йер базонгæ стæм æмæ та «хорзæй баззай» дзурын хъæуы. Нæ дæ ферох кæндзынæн æмбыл, искæд дæм æрбатæхдзынæн. Фая æмæ Хæлуарæг тыхстысты æнхъæлмæ кæсгæйæ.- Æнхъæлдтам никуыуал дæ фендзыстæм, æгас дæ, диссæгтæ! Марадз, рацу рæвдздæр! Хæлуарæг йæ сызгъæрин тынтæ ракодта, æртæх ыл ныккалдта. Бамбæрста гæлæбуйы тынтæй æмæ уый бафынæй. Æртæ боны æмæ æртæ æхсæвы быдта рæсугъд цыдæр.Райсомæй Гæлæбу сыстад хуымæтæджы æмæ федта сызгъæрин базыртæ арвæй рæсугъддæр. Йæ цинæн нæ уыди кæрон. Стахтис уæлæуæз. Йер æцæг Гæлæбу дæн.***

Мыдыбындз Фая, Хæлуарæг æмæ иннæ хъæды цæрджытæн сæ дзыхтæ гомæй аззадысты.- Диссаджы рæсугъд!- Ахæм Гæлæбу нырма ничи никуы федта! —  фæхъæр ласта хъæндил- Гæлæбуты королевæ! – загъта сынтъ
Афтæ дзырдтой хъæды цæрджытæ, куы иу æй федтой, уæд. Гæлæбу фыр цинæй уæлæрвты тахтис. Иу дидинæгæй иннæмæ.- Бузныг Хæлуарæг æмæ Фая, никуы ферох кæндзынæн кæй мын баххуыс кодтат, уый. Тæхон къæдзæхтæм ме мбæлтты фенон: Туры æмæ Цъиусуры, бузныг цын зæгъон.Гæлæбу сызгъæрин базыртимæ уæларвы æрбайсæфт. Уыцы бонæй дарддæр цардис амондджынæй, хатгай йæ розæхуыз къудзимæ æртæхгæйæ æмæ йæ рæсугъддзинадæй хъæды цæрджыты зæрдæтæ хъарм кæнгæйæ.

Вход в личный профиль